5 Израилӕгты куы ракӕнон ӕмӕ Мысырыл Мӕ къухы уӕз куы ӕруадзон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый».
Кӕдӕм у мӕ бон ацӕуын Дӕ Удӕй, Дӕ цӕстӕнгасӕй бамбӕхсӕн кӕм ис?
Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.
Цӕмӕй дзурат уӕ фырттӕ ӕмӕ уыдоны фырттӕн, Ӕз Мысырӕн цытӕ бакодтон, цы диссӕгтӕ дзы равдыстон, уый. Цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Чи у, уый».
Фараонӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Ацы лӕг ма нӕ бирӕ тухӕнӕй мардзӕн? Ауадз сӕ, ӕмӕ скувой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ. Ау, Мысыр сӕфтмӕ кӕй ӕрцыд, уый нӕ уыныс?»
Мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый, фараонӕн йӕхиуыл дӕр, йӕ тохуӕрдӕттыл дӕр ӕмӕ йӕ бӕхджынтыл дӕр Мӕ хъомыс куы бавзарон, уӕд!»
Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
Моисей йӕ каисӕн радзырдта, Дунедарӕг фараон ӕмӕ мысырӕгты Израилы адӕмы сӕрыл куыд бафхӕрдта, израилӕгтӕ фӕндагыл цы зынтӕ бавзӕрстой ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куыд аирвӕзын кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.
Ӕмӕ сӕм уӕд Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ диссӕгты хуызы Мӕ азар бафтаудзынӕн Мысырыл. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕни Мысыры паддзах.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».
Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.
ӕмӕ дын афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕдӕ ныртӕккӕ базондзынӕ, Дунедарӕг Чи у, уый. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз мӕнӕ Нилы дон ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ туг фестдзӕни.
«Райсоммӕ!» — загъта фараон. «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн, — дзуапп ын радта Моисей. — Цӕмӕй базонай, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕй нӕй, уый.
Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.
Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.
Ӕгъатырӕй сӕ райсдзынӕн Мӕ маст ӕмӕ сыл ныккалдзынӕн Мӕ азар. Мӕ маст сӕ куы райсон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Зӕгъ ын Мӕ номӕй: „Мӕхи дыл ныххуырсдзынӕн, Сидон, ӕмӕ дӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Мӕ тӕрхоны амӕттаг уӕ куы бакӕнон ӕмӕ уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Мысыры зӕхх куы федзӕрӕг кӕнон, йе ’ппӕт адӕмы дӕр ын куы ныддӕрӕн кӕнон ӕмӕ йӕ ис-бисӕй ӕнӕхай куы фӕуа, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Уӕд Израилы адӕм базондзысты, ныр дӕр ӕмӕ фидӕнмӕ дӕр Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.
Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый.