25 Дунедарӕг Нилы дон туг куы фестын кодта, ууыл рацыд авд боны.
Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Равзар, цы дӕ фӕнды, уый: дӕ бӕстӕн ӕртӕ стонг азы? Ӕви ӕртӕ мӕйы дӕргъы де знӕгтӕ дӕ фӕдыл зилой ӕмӕ сӕ дӕхи ӕмбӕхсай? Ӕви ӕртӕ боны дӕргъы емынӕ сыста дӕ бӕстӕйыл? Ахъуыды кӕн, Чи мӕ ӕрбарвыста, уымӕн цы дзуапп раттон, ууыл».
Мысырӕгтӕ нӕ уыдтой кӕрӕдзи, ӕртӕ боны дӕргъы сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдысты. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыди рухс.
Мысырӕгтӕ цӕугӕдоны былгӕрӕтты цъайтӕ къахын байдыдтой, уымӕн ӕмӕ Нилы дон нуазынӕн нал бӕззыд.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.