Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 7:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Фӕлӕ Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕн дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы сӕ бон афтӕ бакӕнын баци, ӕмӕ та уӕд фараон ныддур кодта йӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 7:22
8 Iomraidhean Croise  

Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:


Уӕддӕр фараон нӕ басаст ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.


Нилы кӕсӕгтӕ ныххӕдмӕл сты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг ис, ӕмӕ дзы мысырӕгтӕ нуазын нал фӕрӕзтой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕци.


Цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй аздӕхт йӕ галуанмӕ.


Кӕд уыдон пехуымпартӕ сты ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы ныхас ис, уӕд Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн лӕгъстӕ кӕнӕнт, цӕмӕй ма Дунедарӕджы Кувӕндоны, стӕй Иудейы паддзахы галуаны ӕмӕ, Йерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ма ӕрцӕуой.


Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan