21 Нилы кӕсӕгтӕ ныххӕдмӕл сты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг ис, ӕмӕ дзы мысырӕгтӕ нуазын нал фӕрӕзтой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕци.
Хуыцауы мӕсты кодтой сӕ митӕй, ӕмӕ сыл рын сыстади.
Нилы кӕсӕгтӕ ныммӕлдзысты, ӕмӕ дон афтӕ сысмаг уыдзӕн, ӕмӕ мысырӕгтӕн нуазынӕн нал бӕздзӕни“».
Моисей ӕмӕ Аарон, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой. Аарон систа йӕ лӕдзӕг ӕмӕ дзы фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты цӕстыты раз Нилы дон ӕрцавта. Дон туг фестади.
Фӕлӕ Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕн дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы сӕ бон афтӕ бакӕнын баци, ӕмӕ та уӕд фараон ныддур кодта йӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.
Хӕфсыты мӕрдтӕй кӕритӕ амадтой, ӕмӕ се смагӕй бӕстӕ байдзаг ис.
Ныхъхъынцъым кӕндзысты кӕфахсджытӕ, сдзыназдзысты, йе ’нгуыр-иу Нилы чи баппӕрста, уыдон, нырхӕндӕг уыдзысты, йӕ кӕфахсӕн хыз-иу доны чи ауагъта, уыдон.
Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се ’ртыццаг хай, бабын ис науты ӕртыццаг хай.