2 Ды-иу Ааронӕн дзур, Ӕз дын цы фӕдзӕхсон, уый, Аарон та фараонӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй израилӕгты рауадза Мысырӕй.
Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цы дзурын хъӕуы, уый. Ӕз Мӕхӕдӕг уемӕ уыдзынӕн, куы дзурат, уӕд. Ӕз уын Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ уын у, уый.
Дӕ бӕсты Аарон дзурдзӕн адӕмимӕ ӕмӕ сӕм хӕццӕ кӕндзӕн дӕ ныхӕстӕ, ды та йын Хуыцауы хуызӕн уыдзынӕ.
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“».
«Ӕз — Дунедарӕг! Цыдӕриддӕр дын зӕгъын, уыдон рафӕзм фараонӕн, Мысыры паддзахӕн».
Моисей ӕмӕ Аарон, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы.
Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ.
Загъта ма мын: «Адӕймаджы фырт! Цы ныхӕстӕ дын зӕгъын, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдыл бадар.
«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.
Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон.