Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 7:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Зӕгъ Ааронӕн, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй февзида Мысыры дӕттӕм — цӕугӕдӕттӕм, Нилы къабӕзтӕм, цадтӕм, донуӕттӕм, — ӕмӕ туг фестой. Мысыры зӕхх иууылдӕр туджы бын фӕуыдзӕн, туг уыдзӕни суанг хъӕдын ӕмӕ дурын мигӕнӕнты дӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 7:19
15 Iomraidhean Croise  

Хуыцау сур схуыдта «зӕхх», дӕттӕ та схуыдта «денджызтӕ». Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.


Елисей Гиезийӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ рон ӕрбабӕтт, мӕнӕ дын мӕ лӕдзӕг дӕр, ӕмӕ, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй тагъд цӕугӕ Шунемы сахармӕ. Дӕ фӕндагыл мадӕр салам искӕмӕн ратт, мадӕр, салам дын чи зӕгъа, уымӕн исты дзуапп ратт! Ӕмӕ куыддӕр бахӕццӕ уай, афтӕ-иу мын мӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕр!»


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй февзид Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл мӕтыхтӕ ныццӕвдзысты сӕхи, бахӕрдзысты, ихы фӕстӕ ма йыл цы зайӕгойтӕ аззад, уыдон».


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Арвмӕ дӕ къухтӕ сдар, ӕмӕ Мысыры бӕстӕ ахӕм саудалынджы аныгъуылдзӕн, ӕмӕ адӕм, уырзӕй сгаргӕ, куырмӕджы цӕудзысты».


Ды та дӕ лӕдзӕгӕй денджызмӕ ацамон, дон фӕйнӕрдӕм акӕлдзӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл цӕуӕгау ацӕудзысты.


Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй денджызмӕ ацамон, ӕмӕ дон фӕстӕмӕ йӕ бынат ссара, йӕ быны фӕкӕна мысырӕгты — уӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ бӕхджынты дӕр».


Уыцы дыууӕ диссаджы фӕстӕ дӕр куынӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куынӕ байхъусой, уӕд та-иу Нилы донӕй сис, зӕххыл ӕй акал, ӕмӕ уыцы дон сур зӕххыл туг фестдзӕн».


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй зӕххы рыг ӕрцӕва, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг ис, уый саск феста».


Моисей фараоны галуанӕй рацыд. Сахары ӕдде йӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардта, ӕмӕ банцадысты арвы нӕрд ӕмӕ ихуард, арвӕй ӕртах дӕр нал ӕрхауд.


Ӕлвисджытӕ нырхӕндӕг уыдзысты, сӕ ныфс асӕтдзӕн кусӕг адӕмӕн.


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ маст цӕугӕдӕттӕм ссыгъди? Ӕви Дын денджызмӕ рафыхти? Дугъы куы уайыс Дӕ бӕхтыл, уӕлахизгӕнӕг тохуӕрдӕттыл!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan