Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды фараонӕн Хуыцау уыдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон та дӕ пехуымпар уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 7:1
11 Iomraidhean Croise  

Дзуапп ын рардӕуыд: «Ацы хъуыддаг дӕр сараздзынӕн дӕ сӕраппонд: цы сахары кой скодтай, уый нӕ ныппырх кӕндзынӕн.


Уӕд ӕй Илийа йӕ хъӕбысмӕ систа, фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕриста, йӕ мадмӕ, ӕмӕ загъта: «Ӕрбакӕс-ма, дӕ лӕппу ӕгас у».


Ӕмӕ йӕм марӕджы арвыста. Уыцы заман Елисей та сахары хистӕртимӕ бадтис йӕ хӕдзары, ӕмӕ йӕ марӕг нӕма ’рбахӕццӕ, афтӕмӕй сын зӕгъы: «Уый зонут, ӕмӕ мӕм уыцы лӕгмар мӕ марӕджы ӕрбарвыста, мӕ сӕр мын мӕ гуырӕй фӕхицӕн кӕнынмӕ. Кӕсут-иу, ӕмӕ куыддӕр фӕзына, афтӕ-иу дуар рахгӕнут ӕмӕ йӕ ма ’рбауадзут. Йӕ рарвитӕджы дӕр ныртӕккӕ ардӕм хъӕуы».


О Дунедарӕг, нӕ сыхӕгтӕ Дын цы фидистӕ фӕкодтой, уыдон сӕм авд ахӕмӕй раздах!


Ӕмзӕрдӕйӕ баныхас кодтой, Дӕ ныхмӕ цӕдис сарӕзтой:


Хъусгӕ кӕнут: Дунедарӕг уын радта сабат, ӕмӕ уын уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг хӕринаг ӕрвиты. Ӕвдӕм бон-иу уӕ алчи йӕ хӕдзары бадӕд ӕмӕ макуыдӕм цӕуӕд».


Лӕг арӕх истӕуыл бадис кӕны ӕмӕ фӕзӕгъы: «Уый ног цыдӕр у!» Фӕлӕ дзы уадиссагӕй ницы разыны. Диссаг ӕм цы фӕкаст, уый нӕ фыдӕлтӕ раджы федтой.


Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».


Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн стӕрхон кӕндзынӕн, — загъта Хуыцау, — ӕмӕ уый фӕстӕ рацӕудзысты уырдыгӕй ӕмӕ Мын ацы бынаты кувдзысты“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan