9 Моисей уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн рафӕзмыдта, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой — иуӕй сӕ тӕппуды, иннӕмӕй та, куыстӕфхӕрд кӕй уыдысты, уый аххосӕй.
Ау, адӕймагмӕ у мӕ хъаст? Ӕви мӕсты кӕнын ӕнӕ исты ’фсонӕй?
Израилӕгты цард бынтондӕр зындон фестад: змӕстой ӕлыг ӕмӕ дзы амайӕн дуртӕ арӕзтой, быдыры фыдӕбон кодтой. Мысырӕгтӕ тӕригъӕд нӕ зыдтой, уӕззаудӕр цы куыст ис, уыдон сын се ’ккой скодтой.
Уым дӕр дын куы дзырдтам, ныууадз нӕ, цагъартӕ уыдзыстӕм Мысырӕн, цӕйнӕфӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры амӕлӕм!»
Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.
ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».
Дунедарӕг загъта Моисейӕн:
Фыдгӕнджытӕ ӕркъул уыдзысты хӕларзӕрдӕ адӕмы раз, ӕнӕхуыцӕуттӕ — рӕстуды кулдуары цур.
Ныхасмӕ кӕронмӕ ма байхъус, афтӕмӕй дзуапп ратт — уый ӕдылыдзинад ӕмӕ худинаг у.
Ӕмӕ рараст сты Оры хохӕй Сырх денджызмӕ фӕндагыл, цӕмӕй Едомы бӕстӕйы иувӕрсты ацӕуой. Фӕндагыл адӕм бастадысты.