Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 6:6
46 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ Дын фехъуыста Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы кой — ӕмӕ Дӕм, Дӕ Кувӕндонмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы скува,


Кад кӕнут Мӕнӕн, сымах Йе стыр хъомысы фӕрцы ӕмӕ Йӕ хъомысджын къухӕй Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕгӕн, — Уымӕн кувут ӕмӕ Йын хӕссут нывӕндтӕ.


Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.


Дӕ цагъартӕ ӕмӕ Дӕ адӕм куы сты, Де стыр хъару ӕмӕ Дӕ хъомысджын къухы фӕрцы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон!


Айнӕджы риуӕй феггуырсын кодта суадӕттӕ, ӕмӕ калдысты цӕугӕдӕттау.


Ӕз загътон: „Сымах хуыцӕуттӕ стут, уе ’ппӕт дӕр — Иууылбӕрзонды фырттӕ“,


фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».


Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес.


Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыди, тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕджы адӕм рӕнхъыстадӕй рацыдысты Мысыры зӕххӕй.


Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Уарзгӕйӕ хоныс Ды, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, кӕныс сӕ Дӕ хъомысджын къухӕй Дӕ уаз цӕрӕнмӕ.


Моисей ӕмӕ Аарон израилӕгтӕн загътой: «А изӕр базондзыстут, Мысырӕй уӕ Дунедарӕг кӕй ракодта, уый.


Мидианы сауджын Ифро, Моисейы каис, фехъуыста, Хуыцау Моисей ӕмӕ Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, стыр хӕрзты кӕй бацыд ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Мысыры зӕххӕй кӕй ракодта, уый.


Рӕстӕг цыд, ӕмӕ Моисей ралӕг ис. Иуахӕмы бацыд йе ’фсымӕртӕм, израилӕгтӕм, ӕмӕ сын федта сӕ удхайраг куыст. Федта, мысыраг ын йе ’фсымӕртӕй иуы, дзуттаджы, фыр надӕй куыд мары, уый.


Ӕмӕ сфӕнд кодтон: цагъары къӕлӕты бын кӕм удхар кӕнут, уыцы Мысырӕй уӕ акӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ“.


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?


Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз Дунедарӕг дӕн!


«Ӕз — Дунедарӕг! Цыдӕриддӕр дын зӕгъын, уыдон рафӕзм фараонӕн, Мысыры паддзахӕн».


Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын ӕй ратдзынӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Ӕз — Дунедарӕг!“»


уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.


Израилӕгты куы ракӕнон ӕмӕ Мысырыл Мӕ къухы уӕз куы ӕруадзон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый».


скӕсӕнӕй — арамейӕгты, ныгуылӕнӕй — филистимӕгты. Уыцы кӕрӕфтӕ аныхъуырдзысты Израилы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Ӕз Мӕхӕдӕг хӕцдзынӕн уӕ ныхмӕ Мӕ хъомысджын къухӕй, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ!


Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.


Израилы, Дӕ адӕмы, Мысыры зӕххӕй ракодтай ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтимӕ — Дӕ хъомысы, Дӕ къухы фӕрцы, ӕвирхъау тас сыл бахӕцын кодтай, афтӕмӕй.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕ хъомысджын къухӕй, Мӕ рахиз къухӕй уын Ӕз хицауиуӕг кӕндзынӕн, Мӕ азар уыл ӕххуырсгӕйӕ.


Израилаг адӕмы Хуыцау, нӕ Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ, израилӕгтӕ ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй Йӕ хъомысджын къухӕй рахуыдта.


Мӕ ныхӕстӕ уӕ цоты ’рдӕм арӕзт не сты — уыдон нӕ зонынц ӕмӕ нӕ федтой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕфхӕрд, Йе стырад, Йӕ хъомысджын къух ӕмӕ Йӕ цонджы хъару;


Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.


Йӕхи къухӕй нӕ ракодта Мысырӕй Дунедарӕг, Йӕ арм ныл дардта, стыр тас ныл ӕфтыдта, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ нын уынын кодта, афтӕмӕй.


Уӕхи хъахъхъӕнут: Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, бадзырд уӕ зӕрдыл дарут: ма кӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ, мацы кувӕн фӕлгонцтӕ аразут. Афтӕ уын фӕдзӕхсы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын.


Кӕсут-иу уӕхимӕ — цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕджы-иу ма ферох кӕнут.


уӕхи цӕстӕй кӕй федтат, уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах Йӕ базыры бын куыд бакодта ӕмӕ уӕ Йӕ хъомысджын къухы руаджы куыд фервӕзын кодта, афтӕ та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, схос кӕндзӕн, сымах кӕмӕй тӕрсут, уыцы адӕмтӕн дӕр.


Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.


Дӕ адӕм куы сты, Дӕ исбон, Дӕ арм кӕуыл дардтай ӕмӕ Де стыр хъомысы руаджы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan