Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 6:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ныр Ӕз фехъуыстон, израилӕгтӕ Мысыры ӕфсондзы бын куыд дзыназынц, уый, ӕмӕ Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Мӕ фидыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 6:5
11 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доныхъаймӕт — ӕппӕт цӕрӕг удты сафӕг.


Фӕлӕ сӕ Хуыцау уӕддӕр фервӕзын кодта Йӕ номы сӕраппонд, цӕмӕй Йӕ хъомыс равдиса.


Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.


Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Фӕлӕ сын Мысыры паддзах загъта: «Уӕ Моисей ӕмӕ Аарон! Адӕмы кусын цӕуылнӕ уадзут? Цӕугӕут уӕхӕдӕг дӕр кусынмӕ!»


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


Ӕрцыд ӕххуысмӕ Йӕ лӕггадгӕнӕг Израилмӕ, нӕ Дзы ферох ис мыггагмӕ уый йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕнын,


Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Йӕ хорзӕхӕй нӕ фыдӕлты кӕй схайджын кӕндзӕн, Йӕ сыгъдӕг фидыд Дзы кӕй нӕ ферох уыдзӕн, уымӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan