Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 6:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Семӕ сарӕзтон фидыд ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдтон, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы Ханааны бӕстӕ сын кӕй ратдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 6:4
21 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.


Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.


Хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уа, дӕ хӕдзары чи райгуырди, уый дӕр ӕмӕ де ’лхӕд дӕр. Ӕмӕ Мӕ фидыд — йӕ нысан уӕ буарыл — уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд.


«Демӕ аразын фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл.


«Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн, фӕлӕ уе ’хсӕн рагӕй цӕрын. Уӕ зӕххӕй мын иу гӕппӕл схай кӕнут, цӕмӕй дзы мӕ усы мард баныгӕнон».


Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.


Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр —


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!»


Фӕлӕ демӕ сараздзынӕн фидыд. Ды бахиздзынӕ наумӕ — дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ чындзытимӕ.


Хуыцауы раз ахӕм нӕу мӕ хӕдзарвӕндаг?! Мыггагмӕйы Фидыд Уый сарӕзта мемӕ, ӕнӕфехалгӕ ӕмӕ ӕнаивгӕ! Исты нӕ кӕнын ӕдзух ӕз уӕлахиз? Исты мӕ алы фӕнд къухы нӕ бафты?


Се знӕгтӕ фӕдӕлдон сты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзт.


Уӕд Ын адӕм баууӕндыдысты Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын кады зарӕг систой.


Абон, авивы мӕйы, уӕ фӕндаг адардтат Мысырӕй.


Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон:


Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын ӕй ратдзынӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Ӕз — Дунедарӕг!“»


Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.


Моисей загъта Ховавӕн, Реуелы фыртӕн, йӕ мидианаг каисӕн: «Мах цӕуӕм, Дунедарӕг нын раттынӕй зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм. Цом махимӕ, ӕмӕ дын хорзы бацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн бирӕ хӕрзтӕй зӕрдӕ бавӕрдта».


Хуыцау дзы Авраамӕн уылынджы йас дӕр не схай кодта, фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, „йӕхи ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты кӕй бауыдзӕн“, уымӕй, кӕд ӕмӕ Авраамӕн уӕд зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan