3 Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон.
Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст ис. Бахӕццӕ ис Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы тулдзджынмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!
Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире. Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.
Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!
Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.
Йаков Йосефӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта.
Ӕрдиаг кӕнын дӕр нал у мӕ бон, мӕ хъӕлӕс ныффӕсус ис. Мӕ цӕстытӕ ныуурс сты, мӕ Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.
Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном!
Нымайут ӕй ӕмӕ йӕм хъусут. Йӕ ныхмӕ ма рацӕут — нӕ уын ныббардзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг цӕры Мӕ ном.
Хуыцау загъта Моисейӕн: «ӔЗ ДӔН, ЧИ ДӔН, УЫЙ. Ӕмӕ-иу ахӕм дзуапп ратт израилӕгтӕн: „Мӕн сымахмӕ рарвыста, Йӕ ном ӔЗ ДӔН кӕмӕн у, Уый“».
Ӕз Дунедарӕг дӕн. Уый Мӕ ном у, ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.
«Мӕнӕ сын Ӕз Мӕ хъомысджын къух равдисдзынӕн, ӕмӕ базондзысты, Мӕ ном Дунедарӕг кӕй у, уый.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый:
Фехъусын сын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕмы куы равзӕрстон, уыцы бон Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, Мӕхи сын раргом кодтон Мысыры зӕххыл. Мӕ къух хӕрдмӕ систон ӕмӕ сын загътон: ‚Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау!‘
Ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, уӕ ингӕнтӕ уын куы байгом кӕнон ӕмӕ уӕ уырдыгӕй куы сисон, уӕд.
Нуӕрттӕй уӕ бамбӕрздзынӕн, буар уыл ӕрзайын кӕндзынӕн, уый уӕлӕ та — царм; царды комулӕфт уын ратдзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ УЫДТӔН ӕмӕ ДӔН».
Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй
Наоми сын загъта: «Наоми мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Мара, уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс судзаггаг маст бавзарын кодта.