Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 6:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Мӕнӕ Левийы фырттӕ куыд хистӕрӕй: Гершон, Кехат, Мерари. Левий фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 6:16
22 Iomraidhean Croise  

Исаак фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы.


Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат, Мерари.


Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми.


Йаков Мысыры зӕххыл фӕцарди ӕвддӕс азы, ӕмӕ йыл уым сӕххӕст ис сӕдӕ цыппор авд азы.


Йосеф амарди, дӕс ӕмӕ йыл фондзыссӕдз азы куы цыди, уӕд. Йӕ мардмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базылдысты, чырыны йӕ нывӕрдтой ӕмӕ йӕ Мысыры зӕххыл бафснайдтой.


Давид левитты адих кодта ӕртӕ къордыл — Левийы фырттӕ Гершон, Кехат ӕмӕ Мераримӕ гӕсгӕ.


Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.


Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.


Уӕд левиттӕ сӕ куысты уӕлхъус ӕрлӕууыдысты: Кехаты байзӕддӕгтӕй: Амасайы фырт Махат ӕмӕ Азариайы фырт Иоел; Мерарийы байзӕддӕгтӕй: Авдийы фырт Киш ӕмӕ Йехаллелелы фырт Азариа; Гершоны байзӕддӕгтӕй: Зиммайы фырт Йоах ӕмӕ Йоахы фырт Еден; Елицафаны байзӕддӕгтӕй: Шимри ӕмӕ Йеиел; Асафы байзӕддӕгтӕй: Захариа ӕмӕ Маттаниа; Хеманы байзӕддӕгтӕй; Йехиел ӕмӕ Шими; Йедутуны байзӕддӕгтӕй: Шемайа ӕмӕ Уззиел.


Левийы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕг ӕрхуыдта ус, уый дӕр — Левийы хӕдзарвӕндагӕй.


Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел. Кехат фӕцарди сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы.


Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.


Корах, Левийы фырт Кехатӕн йӕ фырт Ицхары фырт, йемӕ — Рувимы байзӕддӕгтӕ: Елиавы фырттӕ Датан ӕмӕ Авирам, стӕй Пелеты фырт Он


Нымад чи ӕрцыд, уыцы левиттӕ та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Гершонӕй — Гершоны хӕдзарвӕндаг, Кехатӕй — Кехаты хӕдзарвӕндаг, Мерарийӕ — Мерарийы хӕдзарвӕндаг.


Мӕнӕ Левийы фырттӕ номхуындӕй: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.


Мӕнӕ номхуындӕй Гершоны фырттӕ: Ливни ӕмӕ Шими, сӕ мыггӕгтимӕ;


Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, сӕ мыггӕгтимӕ;


Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши, сӕ мыггӕгтимӕ. Уый — Левийы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтимӕ.


Гершонӕй — Ливнийы мыггаг ӕмӕ Шимийы мыггаг. Уый — Гершоны байзӕддӕгтӕ.


Кехаты мыггагӕн хал сӕппӕрстой ӕмӕ халмӕ гӕсгӕ сауджын Аароны байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, Иудӕ, Симеон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрхауди ӕртындӕс сахары.


Гершоны байзӕддӕгтӕм — левиттӕм, Иссахары, Асиры ӕмӕ Неффалимы хӕдзарвӕндӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы мыггӕгтӕй халмӕ гӕсгӕ Башаны ӕрхауди ӕртындӕс сахары.


Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan