12 Моисей дзуапп радта Дунедарӕгӕн: «Израилӕгтӕ мӕм куы нӕ хъусынц, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн, дзурынмӕ куы нӕ арӕхсын, уӕд?»
Фӕлӕ Моисей загъта: «Чи дӕн ӕз, цӕмӕй ацӕуон фараонмӕ ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй ракӕнон?»
Моисей бафарста: «Израилӕгтӕм куы фӕцӕуон, уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ сымахмӕ рарвыста, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ уыдон Дӕ номӕй куы бафӕрсой, уӕд сын куыд хъуамӕ зӕгъон?»
Фӕлӕ Моисей загъта: «Куынӕ мыл баууӕндой ӕмӕ мӕм куынӕ байхъусой, уӕд та? Зӕгъдзысты, Дунедарӕг дӕм нӕ раргом ис, зӕгъгӕ».
Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «О Бардарӕг! Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Амӕй размӕ дӕр нӕ уыдтӕн ӕмӕ ныр дӕр, Ды мемӕ, Дӕ цагъаримӕ, куы ныхас кӕныс, уӕд дӕр. Къӕзӕнӕг дӕн, ме ’взаг мӕ дзыхы дзӕбӕх нӕ тасы».
Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн израилӕгтӕ ӕмӕ фараоны, Мысыры паддзахы тыххӕй, цӕмӕй израилӕгты Мысырӕй ракӕной.
Моисей Йын дзуапп радта: «Дзурынмӕ куы нӕ арӕхсын, уӕд мӕм куыд байхъусдзӕни фараон?»
Моисей уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн рафӕзмыдта, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой — иуӕй сӕ тӕппуды, иннӕмӕй та, куыстӕфхӕрд кӕй уыдысты, уый аххосӕй.
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн».
Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у.
Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр ӕмӕ Иудейы, Едом ӕмӕ Аммоны фыртты, Моав ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрджыты — сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвынӕг адӕмы. Иннӕ адӕмтӕ сунӕтгонд не сты, фӕлӕ Израил дӕр йӕ зӕрдӕйӕн сунӕт не скодта».
Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым,
Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сунӕт скӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕн, стӕй уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр, цӕмӕй Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ баззайат сӕрӕгасӕй.