Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 «Бацу фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ, ӕмӕ йын зӕгъ, израилӕгтӕн дӕ бӕстӕйӕ ацӕуыны бар ратт».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 6:11
8 Iomraidhean Croise  

Цӕугӕ уӕдӕ — Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ: Мӕ адӕмы Мын, израилӕгты, Мысырӕй ракӕн».


Ӕмӕ-иу уӕд ды фараонӕн зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Израил Мӕ фырт у, Мӕ хистӕр зӕнӕг.


Ӕз дын загътон, рауадз Мын Мӕ фырты, ӕмӕ Мӕм бакува. Ды йӕ нӕ рауагътай, ӕмӕ дын Ӕз дӕ хистӕр фырты амардзынӕн“».


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“».


Фараонмӕ Дӕ номӕй куы бацыдтӕн ӕмӕ йын Дӕ фӕндон куы загътон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы фыддӕр митӕ кӕны Дӕ адӕмӕн! Ды нӕ фервӕзын кодтай Дӕ адӕмы!»


Дунедарӕг загъта Моисейӕн:


«Ӕз — Дунедарӕг! Цыдӕриддӕр дын зӕгъын, уыдон рафӕзм фараонӕн, Мысыры паддзахӕн».


Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды фараонӕн Хуыцау уыдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон та дӕ пехуымпар уыдзӕни.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan