Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 6:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 6:1
27 Iomraidhean Croise  

уӕд ын ацы фӕсдзӕуин ахӕм дзуапп радта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ куы бакӕнид, уӕд дӕр уымӕн уӕвӕн куыд ис?» Ӕмӕ йын Елисей загъта: «Уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Фӕлӕ ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут семӕ. Ӕнцад-иу лӕуут ӕмӕ кӕсут, Дунедарӕг уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Райсом-иу сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацӕут. Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ».


цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.


Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын, куы мӕ фервӕзын кӕнай, уӕд цин кӕндзынӕн. Зардзынӕн Дунедарӕгыл, — стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл.


О Дунедарӕг, раздӕх нӕм! Кӕдмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн!


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ног бӕллӕх бафтаудзынӕн фараон ӕмӕ мысырӕгтыл, ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ фараон ауадздзӕн ардыгӕй. Уыимӕ уӕ хуымӕтӕджы уагъд нӕ ракӕндзӕн, фӕлӕ уӕ асурдзӕн ӕвӕстиатӕй.


Раст уыцы ӕхсӕв фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Сыстут мӕ адӕмы ’хсӕнӕй, сымах дӕр ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр, ӕмӕ, куыд дзырдтат, афтӕ цӕут ӕмӕ Дунедарӕгӕн бакувут.


Мысырӕгтӕ израилӕгты тагъд кодтой; ӕвӕстиатӕй сӕ фӕндаг куыд дарой, ууыл архайдтой, науӕд иууылдӕр цагъды фӕуыдзыстӕм, зӕгъгӕ.


Мысырӕй цы хыссӕ рахастой, уымӕй афыхтой донгонд дзултӕ. Хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй сургӕ ракодтой, ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ хӕринаг сцӕттӕ кӕныны бон нал фӕци.


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Дунедарӕг, Дӕ рахиз къухӕн йӕ хъомысы кой айхъуыст. Дӕ рахиз къухӕй, Дунедарӕг, Ды знӕгты ӕрцавтай,


уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.


Израилӕгты куы ракӕнон ӕмӕ Мысырыл Мӕ къухы уӕз куы ӕруадзон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый».


фӕндагыл ӕй Йӕ хъомысджын базыры бын Чи бакодта, йӕ разӕй йын денджызы дӕттӕ фӕйнӕрдӕм Чи фӕцӕуын кодта ӕмӕ уымӕй Йӕхицӕн мыггагмӕ ном Чи скодта, Уый?


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Исты Дунедарӕджы къух цыбыр у? Мӕ ныхас куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ-иу уӕдӕ дӕхӕдӕг кӕс!»


Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“


Израилаг адӕмы Хуыцау, нӕ Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ, израилӕгтӕ ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй Йӕ хъомысджын къухӕй рахуыдта.


Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan