Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 5:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Сӕ куыст уӕззаудӕр куы уа, уӕд сӕ дзӕгъӕл дзӕнгӕдамӕ нал ӕвдӕлдзӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 5:9
8 Iomraidhean Croise  

Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тохвӕлтӕрд ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ дӕ афтид ныхӕсты фӕрцы исты сарӕхсдзынӕ? Кӕмӕй дӕ ис ахӕм ныфс, ӕмӕ мӕ ныхмӕ фӕуай?


Цымӕ ацы дзӕгъӕлдзырдӕн кӕрон кӕд уыдзӕн? Уый бӕрц дӕ удхарӕй цы мары, цӕмӕй ахӕм дзуапп раттай?


Цӕстдарджытӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ израилӕгтӕн загътой: «Фараон уын хъӕмп дӕттын нал уадзы.


Амайӕн дуртӕ та дарддӕр дӕр, ныронг цас кодтой, уый бӕрц кӕнӕнт. Ма сын фӕкъаддӕр кӕнут сӕ куыст. Науӕд сыл зивӕг бахӕцыд ӕмӕ хъӕр самадтой, цом ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ.


уӕд ын Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ Кареахы фырт Йоханан, стӕй ма дзы къӕйных лӕгӕй чи уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр загътой: «Сайгӕ кӕныс! Нӕ дӕ рарвыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цӕмӕй нын, Мысырмӕ ма ацӕут ӕмӕ уым ма ’рцӕрут, зӕгъгӕ, дзурай.


Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».


Сымах зӕгъут: «Дзӕгъӕлы лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Цы пайда нын ис, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын кӕй ӕххӕст кодтам ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы раз хъыггӕнгӕйӕ кӕй цардыстӕм, уымӕй?


Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan