Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 5:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уыдон ын загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм ӕргом рацыд. Ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ ауадз ӕртӕ бонцауы ӕддӕдӕр, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссӕм, науӕд ныл йӕ рын бафтаудзӕн, йе та нӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 5:3
12 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уым се ’рцӕрыны райдиан Дунедарӕгӕй нӕ тарстысты, ӕмӕ сыл Уый домбӕйтты сардыдта, ӕмӕ сӕ уыдон мардтой.


Ӕмӕ уӕ фыдӕлтау хиваст ма ут, Дунедарӕджы коммӕ кӕсут. Ӕрбацӕут Ын Йӕ Кувӕндонмӕ, мыггагмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уырдӕм. Лӕггад кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ иуварс аздаха Йӕ судзгӕ маст.


Уӕларвон Хуыцауы фӕндон хъуамӕ биноныгӕй ӕххӕстгонд цӕуа Йӕ хӕдзарӕн, цӕмӕй паддзахад, паддзах ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы фыдӕхӕй хызт уой.


Израилы адӕмы хистӕртӕ дӕм байхъусдзысты, ӕмӕ-иу семӕ бацу Мысыры паддзахмӕ ӕмӕ йын-иу зӕгъут: „Ӕргом нӕм рацыди Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау. Уӕдӕ нӕ ауадз, ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй уым нывонд ӕрхӕссӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.


афтӕмӕй ӕмӕ фараонӕн зӕгъ, уымӕ дӕ кӕй рарвыста Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау, цӕмӕй йын Йӕ фӕндон зӕгъай: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой ӕдзӕрӕг быдыры. Нырмӕ ды коммӕ нӕ кастӕ,


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райсом-иу раджы сыст. Фараон доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм баздӕх, Дунедарӕг, дам, зӕгъы: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.


Мах хъуамӕ ӕртӕ бонцауы бӕрц фӕцӕуӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ уыцы ран ӕрхӕссӕм нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, — Уый нын Йӕхӕдӕг куыд зӕгъа, афтӕ».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕв, дӕ къахӕй зӕхх ӕртъӕпп кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Додой сӕ къона Израилы адӕмӕн се ’ппӕт ӕлгъаг миты аххосӕй! Кард, стонг ӕмӕ емынӕйы амӕттаг бауыдзысты.


Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.


Дунедарӕг уыл рын сыстын кӕндзӕн ӕмӕ, уӕхи бакӕнынмӕ кӕдӕм цӕут, уыцы зӕххыл уӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan