16 Махӕн, дӕ цагъартӕн, хъӕмп нал дӕттынц, афтӕмӕй нӕ самандуртӕ агурынц. Нӕмынӕй нӕ ауӕрдынц дӕ цагъартыл. Стыр тӕригъӕд у уый дӕ адӕмӕн!»
Бауынаффӕ кодтой: «Скӕнӕм агуыридуртӕ». Ӕмӕ хуымӕтӕг дурты бӕсты аразын райдыдтой агуыридуртӕй, чъыры бӕсты та пайда кодтой писийӕ.
фӕлӕ байхъуыста йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕ фыд уыл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕз та уын ӕй ноджы уӕззаудӕр фӕкӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та уӕ ӕфхӕрдзынӕн сындзджын ехсытӕй.
Израилаг бӕрнылӕгтӕ фараонмӕ сӕ хъаст бахастой: «Дӕ цагъартӕ куы стӕм, уӕд нӕ афтӕ цӕмӕн ӕфхӕрыс?
Фӕлӕ сын уый афтӕ: «Зивӕг уыл бахӕцыд, зивӕг, ӕмӕ уымӕн дзурут, цом ӕмӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ.
Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.
Цы бон райгуырдтӕ, уыцы бон дын дӕ бикъ дӕр нӕ ралыг кодтой, донӕй дӕр дӕ нӕ цӕхсадтой, не ссыгъдӕг кодтой, цӕххӕй дӕр дӕ нӕ байсӕрстой, хӕцъилты дӕр дӕ нӕ батыхтой.