Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Адӕм Мысыры алы къуымты ныххӕлиу сты ӕмӕ хъӕмпы бӕсты кӕрддзых ӕмбырд кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 5:12
9 Iomraidhean Croise  

Дӕ ныхмӕ растджыты Де стыр хъаруйӕ афӕлдӕхтай зӕххыл; артау ссыгъди Дӕ маст, хъӕмпы халау сӕ аныхъуырдта.


Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг, кӕмдӕриддӕр уӕ фӕнды, уым амал кӕнут. Уыимӕ амайӕн дуртӕ та, ныронг цас арӕзтат, уый бӕрц аразут».


Уыимӕ ма сӕ цӕстдарджытӕ дӕр ноджы тынгдӕр ӕрӕлхъывтой, домдтой, цӕмӕй самандуртӕ алы бон дӕр кӕной, ныронг цӕттӕ хъӕмпимӕ цас кодтой, уый бӕрц.


Фӕлӕ уыдон хъӕмпӕй уӕлдай не сты: арты басыгъдысты, сӕхи дӕр нӕ бахызтой артӕй. Зынджы мур дӕр нал аззад хи ахъарм кӕнынӕн, артӕн йӕ кой дӕр нал ис йӕ фарсмӕ абадынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.


Ӕфсӕнуӕрдӕтты гыбар-гыбурау сӕррӕт кӕнынц хӕхты сӕртыл; цыма арт хъӕмп фӕныхъуыры, уыйау ныкъкъӕр-къӕр кӕнынц. Ӕнӕнымӕц ӕфсад хӕстмӕ куыд рарӕнхъ вӕййы, уый ӕнгӕс сты.


Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта.


Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!


Уыцы бындурыл чи цӕмӕй аразы — сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕви хъӕдӕй, хосӕй кӕнӕ хъӕмпӕй —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan