8 Цатырӕн йӕ алыварс скӕн кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн.
Моисей Цатыры алыварс скодта кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн. Ууыл Моисей фӕци Фембӕлды Цатыр аразыны ӕппӕт куыстытӕ дӕр.
Цатырӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕрӕвӕр хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккӕн.
Райс сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы байсӕрд Цатыр, уыимӕ, Цатыры цыдӕриддӕр ис, уыдон ӕмӕ Дунедарӕгӕн снывонд кӕн Цатырӕн йӕхи дӕр, стӕй йе ’ппӕт дзауматӕ дӕр, ӕмӕ уӕд уаз уыдзысты.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта, фыццаджыдӕр, апостолтӕй, дыккаджы — пехуымпартӕй, уый фӕстӕ — ахуыргӕнджытӕй. Уый иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, стӕй низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурыны курдиӕттӕ.