7 Цатырӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕрӕвӕр хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккӕн.
Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, чи мыл ӕртыхсти, уыцы фыдгултыл ӕмӕ Дунедарӕджы Цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ, стаудзынӕн Ӕй, зардзынӕн Йӕ кадӕн.
Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.
Йӕ къӕсӕры ракомкоммӕ йын ӕрӕвӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн.
Цатырӕн йӕ алыварс скӕн кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн.
Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.
уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.
ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.
Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.