6 Йӕ къӕсӕры ракомкоммӕ йын ӕрӕвӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн.
Дунедарӕджы Кувӕндоны раз уымӕй размӕ цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыд, уый ныр Кувӕндонӕй ног нывондхӕссӕны ’хсӕн фӕци, ӕмӕ йӕ Ахаз йӕ бынатӕй феггуырсын кодта ӕмӕ йӕ ног нывондхӕссӕнӕн йӕ цӕгатварс ӕрӕвӕрдта.
Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрӕвӕрдта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн — будсудзӕн — ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз. Фембӕлды Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн.
Цатырӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕрӕвӕр хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккӕн.
Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.
Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.
Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.