5 Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн — будсудзӕн — ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз. Фембӕлды Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн.
Нывондхӕссӕн ӕрӕвӕр, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны аууон ис, уый раз, йӕ сӕры бакомкоммӕ. Фидыды Чырыны сӕрмӕ-иу дӕм Ӕз раргом уыдзынӕн.
Йӕ къӕсӕры ракомкоммӕ йын ӕрӕвӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн.
Фӕндагмӕ рӕвдз кӕнгӕйӕ, Аарон йӕ фырттимӕ дуарӕмбӕрзӕн хъуамӕ сиса ӕмӕ дзы Фидыды Чырын ӕрӕмбӕрза,
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.