4 Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл йӕ дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕвӕр. Ӕрбахӕсс цырагъдарӕн ӕмӕ йыл йӕ цырӕгътӕ ӕрӕвӕр.
Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй-иу дӕм цырагъдарӕнӕн ӕрбахӕссой къухӕй лӕмӕрст сыгъдӕг оливӕйы сой — цырагъдарӕны цырӕгътӕ кӕддӕриддӕр куыд судзой.
Дунедарӕджы раз сӕ ӕвӕрын хъӕуы алы сабаты дӕр, ӕдзухдӕр. Уый у мыггагмӕйы фӕдзӕхст израилӕгтӕн.