Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 40:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕрӕвӕр Фембӕлды Цатыр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 40:2
21 Iomraidhean Croise  

Израилӕгты Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй нырмӕ Мын хӕдзар куы нӕ уыди — цатыры цыдтӕн Ӕз балцы.


Йӕ паддзахиуӕджы фыццаг азӕн йӕ фыццаг мӕй Езекиа байгом кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны кулдуар, бацалцӕг ӕй кодта.


Абон, авивы мӕйы, уӕ фӕндаг адардтат Мысырӕй.


Мысырӕй рацыдӕн йе ’ртыккаг мӕйноджы израилӕгтӕ бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ.


Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.


Цатыр ӕрӕвӕр, хохы сӕр дын амынд куыд ӕрцыди, афтӕ.


Тинтычъийӕ сцӕттӕ кӕн иуӕндӕс уӕфтӕджы — Цатыры цар ӕмбӕрзынӕн.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Фӕхты сӕ лыстӕг ныххой ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз, Фембӕлды Цатыры мидӕг, Мӕхи дӕм кӕм ӕргом кӕндзынӕн, уым. Уыцы хӕрздӕфгӕнӕн уын уыдзӕни иууылуаз.


Цатыр ӕмӕ йӕ сӕр йе ’ддаг ӕмбӕрзӕнимӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ йӕ бынӕнцайӕнтӕ,


Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры — сӕхтӕджытӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцынӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной ӕмӕ сӕ иу царӕмбӕрзӕн рауайа.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Йӕ къӕсӕры ракомкоммӕ йын ӕрӕвӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн.


Нӕ ахасты дыууын фӕндзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Йерусалимы ныппырхыл цыппӕрдӕс азы куы рацыд, тӕккӕ уыцы бон мыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд ӕмӕ мӕ ахаста уырдӕм.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Фыццаг мӕйы фыццаг бон галты рӕгъауӕй райс иу ӕнӕсахъат гал ӕмӕ Кувӕндон ссыгъдӕг кӕн.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Фембӕлды Цатыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы дыккӕгӕм мӕйы фыццаг бон:


Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы фыццаг мӕйноджы:


Цы бон ӕвӕрд ӕрцыди, уыцы бон Уаз Цӕрӕн иууылдӕр мигъы аныгъуылд, изӕрӕй райсоммӕ та, цыма йӕ сӕрмӕ арт судзы, афтӕ зынди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan