Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 40:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй цӕхс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 40:12
12 Iomraidhean Croise  

Байсӕрд хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ ӕмӕ йӕ снывонд кӕн Дунедарӕгӕн.


Ӕрлӕууын кӕн левитты Фембӕлды Цатыры раз ӕмӕ Израилы дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕн.


Аргъуыды фӕстӕ, Йесо донӕй куыд рахызти, афтӕ Йӕ сӕрмӕ арвы дуар фегом ис, ӕмӕ федта: Хуыцауы Уд бӕлоны хуызы ӕрцӕуы ӕмӕ Йӕм ӕрбахӕстӕг кӕны.


Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.


Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ дзуры, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй барстӕй нӕ дӕтты.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan