3 Дунедарӕг ын загъта: «Аппар ӕй зӕхмӕ». Моисей йӕ аппӕрста. Лӕдзӕг калм фестадис, ӕмӕ Моисей лидзынмӕ фӕци.
Айс демӕ ацы лӕдзӕг — уый ӕххуысӕй диссӕгтӕ сараздзынӕ».
«Йӕ къӕдзилӕй йӕ ацахс», — загъта Дунедарӕг. Моисей калмы къӕдзилмӕ февнӕлдта, ӕмӕ калм йӕ къухы лӕдзӕг фестад.
«Фараон уӕ, диссаг равдисут, зӕгъгӕ, куы дома, уӕд-иу Ааронӕн йӕ лӕдзӕг фараоны раз аппарын кӕн, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестдзӕн».
Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.