Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 4:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Моисей хӕдзармӕ куы бафтыди, уӕд йӕ каис Ифройӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ Мысырмӕ аздӕхон, ме ’фсымӕртӕ ма ӕгас сты ӕви нӕ, уый бабӕрӕг кӕнон». Ифро йын загъта: «Цу фарнимӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 4:18
11 Iomraidhean Croise  

Йосеф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Йосеф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын.


Елисей йӕм йӕ лӕггадгӕнӕджы рарвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Иорданы доны авд хатты аныгъуыл фӕд-фӕдыл, ӕмӕ дӕ буар сног уыдзӕни, бынтондӕр ссыгъдӕг уыдзынӕ».


Елисей йын загъта: «Ацу, ма тыхс!» Нееман дзӕвгар куы адард ис уырдыгӕй,


Моисей сфӕнд кодта уыцы лӕгмӕ баззайын. Уый йын радта йӕ чызг Циппорайы.


Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.


Йесо та загъта сылгоймагӕн: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта, цу фарнимӕ».


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».


Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд, ӕмӕ цӕугӕут ныр фарнимӕ».


Цагъайрады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ.


Сауджын сын загъта: «Цӕут фарнимӕ, Дунедарӕг уемӕ ис».


Елиа йын загъта: «Цу фарнимӕ. Израилы Хуыцаумӕ дӕ куывд фехъуысдзӕн ӕмӕ дын, цы курыс, уый ратдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan