Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 4:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕг ын загъта: «Адӕймагӕн ӕвзаг чи радта? Гоби кӕнӕ йӕ къуырма чи скӕны? Чи йӕ кӕны куырм кӕнӕ цӕстджын? Ӕз, Дунедарӕг!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 4:11
18 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».


Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».


Уый арв ӕрбамбӕрзы мигътӕй, зӕххыл къӕвда ӕруадзы, хӕхтыл кӕрдӕг ӕрзайын кӕны.


Уӕ фыдӕлтӕ Мӕ уым фӕлвӕрдтой ӕмӕ, цы сарӕзтон, уый федтой.


Хъусгӕ цы хъус кӕны ӕмӕ уынгӕ цы цӕст кӕны — иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.


Куырмытӕн байгом кӕндзынӕ сӕ цӕстытӕ, ахӕстыты ракӕндзынӕ сӕ талынг ахӕстӕттӕй.


Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй, барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд».


Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн».


Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы.


Фӕлӕ мыл йе ’рбацыды размӕ Дунедарӕг изӕрӕй Йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ мӕм лигъдон сӕумӕйӕ куы ’рбацыди, уӕдмӕ мын байгом кодта мӕ дзых. Ме ’взаг мын суӕгъд кодта ӕмӕ ӕз нал уыдтӕн ӕгомыг.


Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Кӕй дын загътон, уый йӕ афоныл ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ мын ды мӕ ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ дӕ дзыхӕй не сдзурдзынӕ».


Уыцы тӕккӕ уысм Захариа йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ уыйадыл райдыдта дзурын, кад кодта Хуыцауӕн.


Иннӕтӕ семӕ нӕ разы кодтой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕгӕн куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын йӕ бон кӕцӕй у?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan