4 Ефоды дыууӕ кӕроныл бафидар кодтой уӕхскбостӕ.
дыууӕ фӕлгӕтимӕ, фӕлгӕттӕ та ефоды уӕхскбостӕм бафидар кӕн разӕрдыгӕй.
Ефоды дыууӕ кӕроныл хъуамӕ фидаргонд уа дыууӕ уӕхскбосы.
Уый тыххӕй сыгъзӕринӕй скодтой тӕнӕг уадздзӕгтӕ, уадздзӕгтӕй рауагътой ӕндӕхтӕ. Уыцы сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй бауафтой нывӕфтыд раздарӕн.
Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр скодтой, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.