2 Йӕ цыппар тигъыл ын скодта фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уыдаиккой, афтӕ ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕрдта ӕрхуыйӕ.
Исты мын дуры фидар ис? Исты ӕфсӕйнагӕй конд дӕн?
Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕр ӕрхуыйӕ.
Бецалел акъацийӕ сарӕзта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн. Уыд раст цыппаркъуымон — фондз ӕлмӕрины дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины.
Скодта нывондхӕссӕны ӕппӕт дзауматӕ: дурынтӕ, фыййӕгтӕ, кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скодта ӕрхуыйӕ.