Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 34:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Моисей ӕрцамадта дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты халдихтӕ, ӕмӕ дыккаг бон сӕумӕйӕ, къӕйдуртӕ йӕ къухты, афтӕмӕй Синайы хохы сӕрмӕ ссыди, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 34:4
6 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Йӕхи ӕруагъта Синайы хохы сӕрыл ӕмӕ уырдӕм фӕсидти Моисеймӕ. Моисей хохы сӕрмӕ ссыди.


Моисей ссыди хохы сӕрмӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг загъта: «Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, израилӕгтӕн, афтӕ зӕгъ:


Уыцы къӕйдуртӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг скодта, къӕйдуртыл фыстытӕ дӕр Хуыцау Йӕхӕдӕг скъахта.


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцамай дыууӕ къӕйдуры — кӕй асастай, уыдоны халдихтӕ. Ӕз сыл ныффысдзынӕн, фыццӕгтыл цы ныхӕстӕ ныффыстон, уыдон.


Уӕд мын Дунедарӕг загъта: „Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты хуызӕн. Хохмӕ Мӕм ссу ӕмӕ хъӕдӕй Чырын сараз.


Ӕз акъацийӕ Чырын сарӕзтон, фыццӕгты ӕнгӕс дыууӕ къӕйдуры рацагътон ӕмӕ, къӕйдуртӕ мӕ къухты, афтӕмӕй ссыдтӕн хохмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan