2 Дӕхи райсоммӕ цӕттӕ дар. Сӕумӕрайсом Синайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ уым Мӕ разы ӕрлӕуу.
цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ.
Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.
Дунедарӕг Йӕхи ӕруагъта Синайы хохы сӕрыл ӕмӕ уырдӕм фӕсидти Моисеймӕ. Моисей хохы сӕрмӕ ссыди.
Дунедарӕг ын загъта: «Цу ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕх Ааронимӕ. Сауджынтӕ ӕмӕ Мӕм иннӕ адӕм та ссӕуынвӕнд ма скӕнӕнт — бабын сӕ кӕндзынӕн».
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».
Дунедарӕджы раз ныддӕлгом дӕн зӕххыл; дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон дӕлгоммӕ хуысгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг сафыныл ныллӕууыд.