7 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.
Йотам Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыд Озиа куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ. Ӕрмӕст уыйау Кувӕндонмӕ нӕ бацыд. Адӕм та раздӕрау ӕнӕуаг митӕ кодтой.
Дунедарӕг ын загъта: «Цу ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕх Ааронимӕ. Сауджынтӕ ӕмӕ Мӕм иннӕ адӕм та ссӕуынвӕнд ма скӕнӕнт — бабын сӕ кӕндзынӕн».
Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».
Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?
Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!»
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Сыст ардыгӕй, Мысыры зӕххӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕмимӕ, ӕмӕ ацӕут, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, сӕ байзӕддагӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ.
Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ схъахбай уыдзыстут ӕмӕ уӕ цы фӕндагыл бафтыдтон, уымӕй азилдзыстут. Сомбон уыл фыдбылызтӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон митыл бафтдзыстут ӕмӕ Йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй смӕсты кӕндзыстут».
Ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хъахбай фӕлтӕр Йӕ разы сӕхи сӕгад кодтой ӕмӕ Йын нал бӕззынц хъӕбултӕн.
Фыдбылызӕй уӕхи бахизут: ма скӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ — мадӕр нӕлгоймаджы, мадӕр сылгоймаджы хуызы,
Загъта мын: „Рӕвдз цӕугӕ дӕлӕмӕ: дӕ адӕм, Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон, сӕнӕуаг сты. Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй тагъд фӕзылдысты: сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд гуымиры“.
Хоревы раз дӕр афтӕ смӕсты кодтат Дунедарӕджы, ӕмӕ уӕ хъуамӕ фыр мӕстӕй ныццагътаид.
Фӕлӕ-иу куыддӕр фӕтӕг амарди, афтӕ та-иу израилӕгтӕ ногӕй сӕ раздӕры митӕм раздӕхтысты, сӕ фыдӕлтӕй-иу фӕфыддӕр сты, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад ӕмӕ табу кодтой, сӕ фыдгӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ хивастӕй цыдысты сӕ раздӕры фӕндагыл.