5 Аарон уый куы федта, уӕд уӕныджы раз нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ загъта: «Райсом Дунедарӕджы бӕрӕгбон у!»
Йӕ фыстӕджыты фыста афтӕ: «Ком дарӕн бон расидут! Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы ӕмӕ сын Навоты сбадын кӕнут сӕ уӕле, кадджын бынаты.
Бардзырд радта Баалы кадӕн бӕрӕгбон скӕныны тыххӕй.
Уыцы хуызӕгмӕ гӕсгӕ, Ахаз Дамаскӕй нӕма ӕрыздӕхт, афтӕ, Уриа скодта нывондхӕссӕн.
Ӕмӕ сфӕнд кодтой фехъусын кӕнын ӕгас Израилӕн, Беер-Шевӕйӕ Даны онг, цӕмӕй иууылдӕр ӕрбацӕуой Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ йӕ рагӕй нал сбӕрӕг кодтой.
Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».
Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
Моисей сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йахве-Нисси.
Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!»
Дыккаг бон райсомӕй адӕм ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Стӕй ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой.
Уымӕн ӕмӕ бирӕ нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта Ефрем, фӕлӕ йын уыдон фӕахъаз сты ӕрмӕст тӕригъӕды бацӕуынӕн.
Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.
цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Мӕнӕ — Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, ӕмӕ-иу хъуамӕ уазӕмбырдтӕ скӕнат. Уыцы бонтӕ снысан кодтон Мӕхӕдӕг.
Тӕккӕ уыцы бон-иу уазӕмбырд скӕнут, мацы-иу бакусут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Адон сты Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ. Уыцы бонты хъуамӕ кӕнат уазӕмбырдтӕ, Дунедарӕгӕн хӕссат иууылсудзинӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ сӕнимӕ, уыцы бонты куыд ӕмбӕлы, афтӕ.
Мӕнӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, уазӕмбырдтӕ. Бӕрӕг кӕнын сӕ хъӕуы бӕлвырд афонты.
Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм Куадзӕн, зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлддзинад ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ.
Афтӕмӕй Саул Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый йӕ конд нывондхӕссӕнтӕн уыди сӕ фыццаг.