Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 32:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 32:4
36 Iomraidhean Croise  

Паддзах бауынаффӕ кодта ӕмӕ скӕнын кодта дыууӕ сыгъзӕрин уӕныджы, стӕй адӕмӕн загъта: «Йерусалиммӕ цӕуыны сӕр уӕ нал хъӕуы, Израилы адӕм. Мӕнӕ уын, Мысыры зӕххӕй уӕ чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцауы фӕлгонцтӕ!»


Ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон снысан кодта бӕрӕгбон, иудейаг бӕрӕгбон фӕзмгӕйӕ, ӕмӕ Даны нывондхӕссӕныл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕ бакодта Вефилы дӕр, цы уӕнгуытӕ скӕнын кодта, уыдонӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. Вефилы цы кувӕн къуыбыртӕ скодта, уыдонӕн сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы сауджынты.


Бардзырд радта Баалы кадӕн бӕрӕгбон скӕныны тыххӕй.


Ӕцӕг, дарддӕр фӕзмыдта, Наваты фырт Йоровам Израилы цы тӕригъӕдтыл бафтыдта, уыдон, Вефил ӕмӕ Даны сыгъзӕрин уӕнгуытӕн табу кодта.


Роховам йӕхицӕн саужынтӕ равзӕрста, цӕмӕй кувӕн къуыбыртыл лӕггад кӕной, табу кӕной цӕутӕ ӕмӕ уӕнгуыты гуымирытӕн — йӕхӕдӕг кӕй саразын кодта, уыдонӕн.


Ӕмӕ ныр сымах сфӕнд кодтат Дунедарӕджы паддзахады, Давиды байзӕддӕгтӕн лӕвӕрд чи у, уый ныхмӕ фӕлӕууын. Сымах ӕнӕнымӕц стут, ӕмӕ уӕм ис сыгъзӕрин уӕнгуытӕ, Йоровам уын хуыцӕуттӕ кӕмӕй сарӕзта, уыдон!


Кӕд сӕхицӕн джиппы рауагътой уӕныджы ӕмӕ загътой, мӕнӕ нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы хуыцау, зӕгъгӕ, ӕмӕ кӕд ӕвирхъау цъыфкалӕн кодтой,


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.


Ма аразут уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин хуыцӕуттӕ ӕмӕ сӕ Мӕ разы ма ӕвӕрут.


Дӕхицӕн ма араз кӕрдгӕнывтӕ: нӕдӕр уӕле, арвыл цы ис, нӕдӕр дӕле — зӕххыл, нӕдӕр доны мидӕг — зӕххы бын цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ.


Уыцы дыууӕ дурыл Израилы фыртты нӕмттӕ скъах, дурыл мыхуыр куыд скъахынц, афтӕ. Дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты


Райс дыууӕ оникс дуры ӕмӕ сыл скъах Израилы фыртты нӕмттӕ:


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


Ӕз сын загътон, сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ уӕ кӕуыл ис, уыдон сӕ рафтауӕнт ӕмӕ сӕ мӕнмӕ раттӕнт, зӕгъгӕ. Радтой мӕм сӕ, арты сӕ баппӕрстон, ӕмӕ сӕ стӕй рауад ацы уӕныг».


Адӕм сӕ хъусцӕджытӕ рафтыдтой ӕмӕ сӕ Ааронмӕ ӕрбахастой.


Дунедарӕг Израилы адӕмы бафхӕрдта, Аарон сын цы уӕныг скодта, уый тыххӕй.


Аарон уый куы федта, уӕд уӕныджы раз нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ загъта: «Райсом Дунедарӕджы бӕрӕгбон у!»


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.


Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“»


Уӕд уын фенад уыдзысты уе ’взистахуырст гуымирытӕ, стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ. Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау.


Сӕ чыссӕтӕй скалынц сӕ сыгъзӕринтӕ, тӕразыл абарынц ӕвзист ӕмӕ баххуырсынц згъӕртайынгӕнӕджы, цӕмӕй сын сӕ скӕна хуыцау. Сӕ хуыцау куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йӕм бакувынц.


Мысырӕгтимӕ хъахбай митӕ кӕнынӕй дӕр не ’нцад. Уыдон йемӕ ӕмуат цыдысты йе ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ, ӕууӕрстой йын йӕ чызгон дзидзитӕ, фӕчъизи-иу ӕй кодтой, сӕ хъахбай мондӕгтӕ дзы исгӕйӕ.


Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.


Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ кӕд Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, уӕд хъуамӕ зонӕм, Хуыцау кӕй нӕу, адӕймаг йӕ арӕхстдзинады ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ дурӕй цы фӕлгонцтӕ саразы, уыдоны хуызӕн.


Ӕмӕ сарӕзтой сыгъзӕрин род, уыцы гуымирыйӕн ӕрхастой нывонд ӕмӕ, сӕхи къухӕй кӕй сарӕзтой, уый раз бӕрӕгбон скодтой.


Ма ут мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, уыдонӕй сын бирӕтӕ куыд куывтой, афтӕ; Сыгъдӕг Фыст уыдоны тыххӕй зӕгъы: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой».


Ӕмӕ ӕз федтон, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕд кӕй ракодтат, уый: уӕхицӕн джиппыуагъд гуымиры сарӕзтат; Дунедарӕг уын цы фӕндагыл цӕуын бафӕдзӕхста, уымӕй адзӕгъӕл стут.


Гедеон сын ноджы загъта: «Иу курдиат мӕм ис. Алчидӕр мын йе ’фтиагӕй иу хъусцӕг балӕвар кӕнӕд». Афтӕ та сын уымӕн загъта, ӕмӕ се знӕгтӕ уыдысты измаелӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дардтой сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ.


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan