16 Уыцы къӕйдуртӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг скодта, къӕйдуртыл фыстытӕ дӕр Хуыцау Йӕхӕдӕг скъахта.
ӕфсӕн цыргъагӕй сӕ здыйыл скъах, дурыл сӕ сныв кӕн ӕнустӕм!
Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.
Моисей фӕзылд ӕмӕ дӕлӕмӕ фӕуырдыг кодта. Йӕ къухты хаста Фидыды дыууӕ къӕйдуры — дыууӕрдыгӕй дӕр сыл фыстытӕ.
Йешуайӕн адӕмы уынӕр йӕ хъустыл ауад ӕмӕ Моисеймӕ дзуры: «Хӕстон уынӕр хъуысы рӕсӕнуатӕй».
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцамай дыууӕ къӕйдуры — кӕй асастай, уыдоны халдихтӕ. Ӕз сыл ныффысдзынӕн, фыццӕгтыл цы ныхӕстӕ ныффыстон, уыдон.
Моисей ӕрцамадта дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты халдихтӕ, ӕмӕ дыккаг бон сӕумӕйӕ, къӕйдуртӕ йӕ къухты, афтӕмӕй Синайы хохы сӕрмӕ ссыди, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Нӕ фӕллойы руаджы Чырыстийы фыстӕг кӕй стут, уый уыны алчидӕр. Уыцы фыстӕг милдонӕй фыст нӕу — цардӕгас Хуыцауы Уды фыст ис; къӕйдуртыл фыст нӕу, фӕлӕ зӕрдӕйы къултыл.
Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой,
Уӕд мын Дунедарӕг загъта: „Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты хуызӕн. Хохмӕ Мӕм ссу ӕмӕ хъӕдӕй Чырын сараз.
Ӕз фӕзылдтӕн ӕмӕ хохӕй дӕлӕмӕ фӕцӕуӕг дӕн. Хох пиллонӕй сыгъди. Фидыды дыууӕ къӕйдурыл хӕцыдтӕн мӕ дыууӕ къухӕй.
Мӕнӕ, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.