Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 32:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 32:11
23 Iomraidhean Croise  

Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин:


Уымӕн ӕмӕ уыдон Дӕ адӕм сты, Дӕ исбон; Ды сӕ ракодтай Мысырӕй — згъӕртайынгӕнӕн куынцгомӕй.


Дӕ цагъартӕ ӕмӕ Дӕ адӕм куы сты, Де стыр хъару ӕмӕ Дӕ хъомысджын къухы фӕрцы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон!


Денджызы наутыл балцы чи ацыд, ӕгӕрон фурды уылӕнтыл йӕ куыст чи кодта,


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.


Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!


Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй ӕхсӕн цардысты, уыцы адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыдоны раз раргом кодтон Мӕхи, Мысыры зӕххӕй сӕ ракӕныны охыл.


О Бардарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ хъаруйы фӕрцы Дӕ адӕмы ракодтай Мысыры зӕххӕй ӕмӕ абоны онг кады аккаг скодтай Дӕ ном, мах та иууылдӕр тӕригъӕдджын ӕмӕ аххосджын стӕм Дӕ разы.


Сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ, Кувӕндоны бахизӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн дзыназӕнт, лӕгъстӕ кӕнӕнт: «О Дунедарӕг! Ныххатыр кӕн Дӕ адӕмӕн! Дӕ байзӕддаджы худинагӕй бахиз, цӕмӕй адӕмты ’хсӕн хынджылӕггаг ма фӕуой ӕмӕ, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, мачи зӕгъа».


Загъта Дунедарӕгӕн: «Дӕ цагъары цӕуыл удхарӕй марыс, цы ракодта? Ӕппӕт ацы адӕмы мын ме ’ккой цӕмӕн сӕвӕрдтай?


Фӕлӕ загъта Моисей Дунедарӕгӕн: «Дӕ хъомысӕй ацы адӕмы кӕй дзӕмбытӕй фервӕзын кодтай, уыцы мысырӕгтӕ уый куы фехъусой,


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,


Фырт ын кӕй нӕй, уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ фесӕфа нӕ фыды ном йӕ мыггагӕй? Хай нын скӕн нӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн».


«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan