Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 32:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 32:1
35 Iomraidhean Croise  

Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.


Авимелех ын дзуапп радта: «Нӕ зонын, афтӕ чи бакодта, уый. Ды дӕр мын куы ницы ской кодтай. Фыццаг хатт хъусын уыцы хабар».


Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан,


Йосеф сӕ бафарста: «Уый цы бакуыстат? Ӕви, мӕ хуызӕн адӕймагӕй бамбӕхсӕн ницы ис, уый нӕ зыдтат?»


Сахарӕй нӕма адард сты, афтӕ Йосеф бафӕдзӕхста йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн: «Рӕвдз атындз уыцы лӕгты фӕдыл ӕмӕ сӕ куы баййафай, уӕд-иу сын афтӕ зӕгъ: „Хорздзинад хӕрамӕй цӕмӕн фидут? Ӕвзист нуазӕн цӕмӕн радавтат?


Фӕлӕ сӕ тыхсты Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыдбылызӕй фервӕзын кодта.


Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕндагамонӕг сӕ разӕй цыди: боныгон — мигъы цӕджындзы хуызы, ӕхсӕвыгон та, рухсгӕнгӕ, — арты цӕджындзы хуызы, цӕмӕй сӕ фӕндагыл ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр къуылымпы ма кӕной.


Моисейӕн бустӕ кодтой: «Мысыры нын баныгӕнӕн нӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ мӕлынмӕ куынӕ ракодтаис, уӕд? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй?


Дзырдтой: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам Дунедарӕджы къухӕй. Уым бадтыстӕм дзидзайы ӕгты уӕлхъус, нӕ фаг нын уыди дзул! Сымах та не ’ппӕты дӕр ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сыдӕй амарынмӕ ракодтат».


Ма аразут уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин хуыцӕуттӕ ӕмӕ сӕ Мӕ разы ма ӕвӕрут.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».


Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.


Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?


Аарон ын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, ма мӕсты кӕн. Ацы адӕм фыд ракӕнынмӕ ӕмхиц сты, уый зоныс.


Баййардтой мӕ, скӕн, дам, нын, нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау, науӕд, дам, нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.


Цӕугӕут, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ. Ӕцӕг, Мӕхӕдӕг нӕ ацӕудзынӕн уемӕ, науӕд уӕ бабын кӕндзынӕн фӕндагыл, уымӕн ӕмӕ хиваст адӕм стут».


Фӕлӕ уыдон Мӕ ныхмӕ фесты ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстой. Ничи сӕ аппӕрста, сӕ мондӕгтӕ кӕмӕй истой, уыцы гуымирытӕ, ӕмӕ сӕ Мысыры хуыцаугӕндтыл ничи атигъ кодта йӕхи. Ӕмӕ уӕд загътон, Мӕ маст сыл ныккалдзынӕн ӕмӕ сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн Мысыры зӕххыл, зӕгъгӕ.


Пехуымпары руаджы Дунедарӕг Израилы ракодта Мысырӕй, пехуымпары руаджы йыл дардта Йӕ арм.


Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.


Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта,


Сымах зонут: хӕдзары хицау, хуыснӕг ӕм кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд фынӕй дӕр нӕ бакӕнид ӕмӕ йӕ къуымтӕ фӕкъахын дӕр нӕ бауадзид.


Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау нырма рӕхджы не ’рцӕудзӕни, зӕгъгӕ,


Ӕмӕ кӕд Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, уӕд хъуамӕ зонӕм, Хуыцау кӕй нӕу, адӕймаг йӕ арӕхстдзинады ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ дурӕй цы фӕлгонцтӕ саразы, уыдоны хуызӕн.


Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.


Уыдон загътой Ааронӕн: „Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцӕуттӕ нын сараз, уымӕн ӕмӕ нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм“.


Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»


Байхъусут, израилӕгтӕ! Сымах ныр цӕут Иорданы фалемӕ, цӕмӕй, уӕхицӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны фӕсурат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, уӕларвмӕ чи ӕххӕссы, уыцы фидаргонд сахартӕ,


Ӕз хохмӕ ссыдтӕн, цӕмӕй къӕйдуртӕ райсон — Дунедарӕг уемӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды къӕйдуртӕ. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон, хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй.


Сыст ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кӕн! Зӕгъ сын, райсомы бонмӕ, зӕгъ, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: израилӕгтӕ, уе ’хсӕн ис ӕлгъыстаг дзауматӕ, ӕмӕ сӕ цалынмӕ нӕ фервӕзат, уӕдмӕ уӕ бон фыдгулты ныхмӕ лӕууын нӕ бауыдзӕн.


«Кӕм ис, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Чырыстийы уыцы дыккаг ӕрцыд? Уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр амардысты, фӕлӕ дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ ӕппӕт дӕр баззад, цы уыдис, уымӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan