Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 30:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 стӕй алы изӕр, цырӕгътӕ-иу куы ссудза, уӕд. Дунедарӕджы раз уӕм буд сыгъд цӕуӕд ӕдзухдӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 30:8
12 Iomraidhean Croise  

Озиайӕн йӕ размӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ загътой: — Озиа, дӕуӕн не ’мбӕлы Дунедарӕгӕн буд судзын! Уый сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, куыст у — уыдон уыцы куыстӕн сӕрмагондӕй сыгъдӕггонд ӕрцыдысты. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рацу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕнд сарӕзтай, ӕмӕ дын уый Дунедарӕджы раз кады хос нӕ уыдзӕн.


Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.


Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.


Цырагъдарӕнӕн скӕн авд цырагъы ӕмӕ йыл сӕ ӕрӕвӕр, цӕмӕй йын рухс кӕной йӕ раз.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Аарон ыл буд судзӕд алы райсом, цырагъдарӕны цырӕгътӕ-иу куы барӕвдз кӕна, уый фӕстӕ,


Ӕцӕг-иу нывондхӕссӕныл мадӕр нӕфӕтчиаг буд ӕрӕвӕрут, мадӕр — иууылсудзинаг нывонд, мадӕр — хойраджы хуын, мадӕр — сӕн.


Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.


Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй Мӕхицӕн дӕ фыдӕлты равзӕрстон сауджынтӕй, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл хӕссой нывӕндтӕ, судзой Мын буд ӕмӕ-иу Мӕ разы хӕрдмӕ сисой ефод. Израилӕгтӕ цыдӕриддӕр хуынтӕ хӕссынц, уыдон бакодтон дӕ фыдӕлты бӕрны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan