4 Сараз дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа.
Сараз цыппар сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн Фидыды Чырыны цыппар къахыл: дыууӕ цӕджы — йӕ иу фарсыл, дыууӕ та — йӕ иннӕ фарсыл.
Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн, йӕ фӕйнӕфарс сӕ цӕгты батъысс.
Хъуамӕ цӕгтӕ ӕнгом бацӕуой сисмӕ — хъилтӕ-иу сӕ атъысдзысты, фынг ӕндӕр ранмӕ хӕссын куы хъӕуа, уӕд.
Фӕлгӕттӕ састӕр сыгъзӕринӕй, сыгъзӕринӕй скӕн цӕгтӕ, уӕладзӕнтӕ дзы батъыссынӕн, ӕмӕ уӕладзӕнтӕ дӕр састӕр сыгъзӕринӕй.
Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ сараз хызӕг ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы бафидар кӕн фӕйнӕ ӕрхуы цӕджы.
Нывондхӕссӕн йӕ бынатӕй куы хӕссат, уӕд-иу уыцы хъилтӕ, йӕ фӕйнӕфарс цы цӕгтӕ ис, уыдоны акӕндзыстут.
Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ӕрзил сыгъзӕрин мӕскъ.
Хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй.