Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 30:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Акъацийӕ сараз будсудзӕн нывондхӕссӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 30:1
21 Iomraidhean Croise  

Рухсмонуатӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд уыдысты ӕмиӕстӕ — ссӕдзгай ӕлмӕринтӕ. Соломон ӕй иууылдӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Стӕй, кедр хъӕдӕй цы нывондхӕссӕн скодта, уый дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


будсудзӕн нывондхӕссӕнӕн йӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, стӕй уӕрдонӕн — ома йӕ тыгъд базыртӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи ӕмбӕрзы, уыцы херувимтӕн — йӕ сыгъзӕрины уӕз.


Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ та хастой нывӕндтӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл. Кодтой уазлӕггады куыст, ӕххӕст кодтой Израилы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдӕуттӕ — Хуыцауы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Фӕлӕ куы схъомысджын ис, уӕд йе ’намондӕн йӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты хӕссын байдыдта ӕмӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы ныхмӕ, сарӕзта фыдракӕнд. Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыди, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ссудза.


Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг».


Уӕд цыппаркъуымон — ӕлмӕрины йас дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд — дыууӕ ӕлмӕрины. Скӕн ын сыкъатӕ дӕр, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ.


фынг ӕмӕ йӕ дзауматӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн,


будсудзӕн нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ хӕссӕн хъилтӕ, сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,


сыгъзӕрин нывондхӕссӕн, сӕрдӕн сой, буд, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,


Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн — будсудзӕн — ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз. Фембӕлды Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн.


Уыди дзы хъӕдын нывондхӕссӕн, йӕ бӕрзӕнд — ӕртӕ ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх та — фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ тигътӕ дӕр, йӕ бын дӕр ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр уыдысты хъӕдӕй конд. Чи мӕ ӕрбакодта, уыцы лӕг мын загъта: «Уый, Дунедарӕджы раз чи лӕууы, уыцы фынг у».


Фембӕлды Цатыры мидӕг цы нывондхӕссӕн ис Дунедарӕджы раз, уымӕн дзы йӕ сыкъатӕ сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый та Цатыры къӕсӕры раз, иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд.


Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.


Сыгъзӕрин нывондхӕссӕныл айтындзӕнт ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ — сӕрак ӕмбӕрзӕн ӕмӕ хъилтӕ сӕ бынӕтты атъыссӕнт.


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сыгъзӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Бирӕ буд ын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдтытимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan