Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 3:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 алы сылгоймаг дӕр уӕ йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй ракурдзӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕс. Къахӕй къухмӕ сараздзыстут уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты. Стыр ӕфтиагимӕ рацӕудзыстут Мысырӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 3:22
9 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ.


Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ.


Дӕлимонтӕн нывондӕн хастой сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты;


Адӕмӕн сӕ хъусы бацӕгъд, алы нӕлгоймаг дӕр уӕ, зӕгъ, йӕ сыхаг мысыраг нӕлгоймагӕй, алы сылгоймаг та йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй, ракурӕд ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ».


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Нӕдӕр быдырӕй суг хӕсдзысты, нӕдӕр хъӕды бӕлӕстӕ калдзысты, судздзысты ӕрмӕстдӕр хӕцӕнгӕрзтӕ. Чи сӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты, хӕлӕттаг сӕ чи кодта, уыдоны ныххӕлӕттаг кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan