Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 3:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй уын мысырӕгтӕ хорз ракӕной — афтидармӕй нӕ рацӕудзыстут Мысырӕй:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 3:21
13 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ.


Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.


Дӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын сты, уый сын ныббар, уацары сӕ чи акодта, уыдоны зӕрдӕ сӕм фӕфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй сын фӕтӕригъӕд кӕной.


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Дӕлимонтӕн нывондӕн хастой сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты;


Адӕмӕн сӕ хъусы бацӕгъд, алы нӕлгоймаг дӕр уӕ, зӕгъ, йӕ сыхаг мысыраг нӕлгоймагӕй, алы сылгоймаг та йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй, ракурӕд ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ».


Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм ракастысты хӕлар цӕстӕй. Уӕдӕ Моисейӕн та стыр кад уыдис фараоны дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры хуымӕтӕг адӕмы ’хсӕн.


Моисей сын куыд фӕдзӕхста, Израилы адӕм афтӕ бакодтой — мысырӕгтӕй куырдтой ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕс.


Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм хӕлар цӕстӕй ракастысты ӕмӕ сын, цы куырдтой, уый лӕвӕрдтой. Израилӕгтӕ Мысырӕй рацыдысты стыр ӕфтиагимӕ.


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.


Куы йӕ сӕрибар кӕнай, уӕд та йӕ афтидармӕй ма ауадз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan