Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 3:16
31 Iomraidhean Croise  

Хуыцау сфӕлдыста ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕджы бынмӕ цы дон уыд, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй.


Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ ӕркасти Саррӕмӕ; сарӕзта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый.


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Ӕмӕ Израил Йосефӕн раарфӕ кодта: «Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты, мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у —


Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».


Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, Йе ’ппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ, Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнӕг лӕггадгӕнджытӕ.


Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.


Де ’нгуылдзтӕ цы уӕлӕрвтӕ сфӕлдыстой, уым цы мӕй, цы стъалытӕ ӕрцауыгътой, уыдонмӕ куы скӕсын,


Уӕдмӕ бӕстӕйы сӕргъы ӕрлӕууыди ног паддзах, Йосефы чи нӕ зыдта, ахӕм.


Моисей йемӕ рахаста Йосефы стджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Йосеф йӕ рӕстӕджы Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ Мысыры ма ныууадзут».


Уыдӕттӕ фехъуыстой алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц! Филистимы цӕрджыты стыр тас бацыд,


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгты хистӕртӕй иу къорды демӕ ракӕн ӕмӕ адӕмы разӕй ацу. Дӕ къухмӕ райс, Нилы дон-иу кӕмӕй ӕрцавтай, дӕ уыцы лӕдзӕг дӕр.


Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.


Ӕркасти Хуыцау Израилы байзӕддӕгтӕм. Хуыцау сӕм Йе ’ргом раздӕхта.


Ӕмӕ Хуыцау Йӕ къух нӕ систа Израилы фӕтӕгтӕм: уыдон федтой Хуыцауы ӕмӕ минас кодтой уыцы ран.


Уыцы ран ӕм Дунедарӕджы зӕд раргом ис арты ӕвзӕгты, судзгӕ сындзкъутӕрӕй. Моисей федта: къутӕрыл арт сирвӕзт, фӕлӕ йӕ нӕ судзы.


Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.


Фӕлӕ Моисей загъта: «Куынӕ мыл баууӕндой ӕмӕ мӕм куынӕ байхъусой, уӕд та? Зӕгъдзысты, Дунедарӕг дӕм нӕ раргом ис, зӕгъгӕ».


Ацыдысты Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой Израилы адӕмы хистӕрты.


ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой.


Дунедарӕг загъта: «Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй сӕ бауырна: Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау — дӕумӕ ӕргом рацыд».


Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны


«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.


Ныппырх дӕ кӕндзысты, дӕ цӕрджыты дын ныццӕгъддзысты дӕ мидӕг ӕмӕ дӕ дур дурыл нал ныууадздзысты, Хуыцауы ӕрцыды афон кӕй нӕ базыдтай, уый тыххӕй».


Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм.


Симон нын радзырдта, Хуыцау райдианы муртаттӕгтӕм куыд ӕркасти, уый, цӕмӕй Йӕхицӕн уыдонӕй адӕм сӕвзара.


Павел Милетӕй Эфесмӕ арвыста аргъуаны хистӕрты ӕрхонынмӕ.


Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.


Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы хъизӕмӕрттӕн ӕвдисӕн ӕмӕ, цы кад хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ:


Наоми бавдӕлд ӕмӕ йӕ чындзытимӕ фӕстӕмӕ рараст ис Моавы быдырӕй, уымӕн ӕмӕ, куыд ӕрыхъуыста, афтӕмӕй Хуыцау ӕркасти йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын хор радта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan