11 Фӕлӕ Моисей загъта: «Чи дӕн ӕз, цӕмӕй ацӕуон фараонмӕ ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй ракӕнон?»
Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыди, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ фыд Давиды бӕсты ныр мӕнӕ Дӕ цагъары паддзах скодтай, фӕлӕ ӕз ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, хъуыддагӕн ницыма зонын.
Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»
Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ.
Моисей дзуапп радта Дунедарӕгӕн: «Израилӕгтӕ мӕм куы нӕ хъусынц, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн, дзурынмӕ куы нӕ арӕхсын, уӕд?»
Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн».
Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та — царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?
Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Гедеон Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, ӕмӕ ӕз Израилы куыд фервӕзын кӕндзынӕн? Мӕ мыггагӕй мӕгуырдӕр Менассиайы хӕдзарвӕндаджы куы нӕй, стӕй мӕ бинонты ’хсӕн дӕр се ’ппӕты кӕстӕр ӕз куы дӕн».
Давид Саулӕн загъта: «Чи дӕн ӕз, ӕмӕ чи у мӕ хъӕстӕ ӕмӕ мӕ фыды мыггаг Израилы? Куыд хъуамӕ суон паддзахы сиахс?»