9 Цатырӕн йӕ алыварс скӕнут кӕрт. Хуссарӕрдыгӕй йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн, здыхт гӕнӕй уафт, дӕргъмӕ — фондзыссӕдз ӕлмӕрины,
Мидӕггаг кӕрты, ома сауджынты кӕрты, астӕрд скодта карст дуртӕ ӕртӕ фӕлтӕры ӕвӕрдӕй. Сӕрӕй ма сыл иу фӕлтӕр бафтыдта кедрӕй конд амадхъӕдтӕ.
Дунедарӕджы Кувӕндоны раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыди, уый утӕппӕт нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн ӕгӕр гыццыл кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Соломон тӕккӕ уыцы бон срухс кодта, Кувӕндоны раз цы кӕрт уыд, уымӕн йӕ астӕуккаг хай, ӕмӕ уым ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ, стӕй хойраджы хуынтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиу.
Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг ӕппӕт уӕларвон ӕфсадӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта.
Ноджы ма скодта сауджынты кӕрт, стӕй стыр кӕрт ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕртмӕ цӕуынӕн. Кулдуӕртты цӕджындзтӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ.
Мӕнгардӕй мӕм ницы ис, фыддзинадӕй мӕхи хизын.
Чи Дзы тӕрсы, уыдоны рӕхджы фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Хуыцауы кад ӕрцӕрдзӕн.
ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, фӕйнӕ ӕрхуы бынӕнцайӕнимӕ. Цӕджындзтыл уӕд ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ.
кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, сӕ цӕджындзтӕ ӕд бынӕнцайӕнтӕ, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн,
Цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной, уый тыххӕй сын сӕ фӕйнӕ кӕроныл бахуыдтой фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы.
кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕд бынӕнцайӕнтӕ, стӕй кӕрты дуарӕмбӕрзӕн, бӕндӕнтӕ, михтӕ ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадӕн хъӕугӕ ӕппӕт мигӕнӕнтӕ,
Моисей Цатыры алыварс скодта кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн. Ууыл Моисей фӕци Фембӕлды Цатыр аразыны ӕппӕт куыстытӕ дӕр.
Цатырӕн йӕ алыварс скӕн кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн.
Кӕрт ӕмӕ кулдуӕртты раз цӕджындзтӕ сбарста, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ ӕхсай ӕлмӕрины.
Уыцы лӕг мӕ бакодта ӕддаг кӕртмӕ, йӕ алыварс — ӕртын агъуысты. Кӕрт уыди дурӕй астӕрд.
Ӕмӕ уыцы лӕг сбарста ӕддаг кӕрты цӕгатварс кулдуары уӕрх.
Цӕгатварс кулдуарӕн дӕр, скӕсӕнварс цы кулдуар уыди, уыйау йе ’ргом арӕзт уыди мидӕггаг кӕрты кулдуары ’рдӕм. Кулдуӕртты ’хсӕн та уыди сӕдӕ ӕлмӕрины.
Уыцы лӕг мӕ хуссарварс кулдуарыл бакодта мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ, уым цы сбарста, уыдоны ас дӕр уыд иннӕты халдих.
Уыцы лӕг мӕ скӕсӕнварс кулдуарыл бакодта мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ, уым цы сбарста, уыдоны ас дӕр уыд иннӕты халдих.
Цӕгатварс кулдуары ӕмӕ хуссарварс кулдуары цур уыди фӕйнӕ агъуысты. Фыццаг агъуыстӕн йе ’ргом уыд хуссарӕрдӕм, дыккагӕн та — цӕгатӕрдӕм.
Мидӕггаг кӕрты къулы, ссӕдз ӕлмӕрины чи уыди, уый бакомкоммӕ ӕмӕ ӕддаг кӕрты астӕрды бакомкоммӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ уыдысты ӕртӕуӕладзыгон тыргътӕ.
Цатыр ӕмӕ кӕрты ӕмбонд нывондхӕссӕны алыварс, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн ӕмӕ бӕндӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.
кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс кӕрты кулдуарӕмбӕрзӕн, сӕ бӕндӕнтӕ ӕмӕ ӕппӕт кусӕнгӕрзтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.
кӕрты алыварс цӕджындзтӕ — сӕ бындуртӕ, сӕ цурчытӕ ӕмӕ сӕ бӕндӕнтимӕ, стӕй ӕппӕт иннӕ мигӕнӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. Уыцы хӕс сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.