7 Нывондхӕссӕн йӕ бынатӕй куы хӕссат, уӕд-иу уыцы хъилтӕ, йӕ фӕйнӕфарс цы цӕгтӕ ис, уыдоны акӕндзыстут.
Фынгхӕссӕн хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй.
Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сӕ састӕр ӕрхуыйӕ.
Сараз дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа.
Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.