5 Нывондхӕссӕны мӕсчъы бын ӕй бафидар кӕн, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕумӕ куыд ӕххӕсса, афтӕ.
Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ сараз хызӕг ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы бафидар кӕн фӕйнӕ ӕрхуы цӕджы.
Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сӕ састӕр ӕрхуыйӕ.
Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ скодта хызӕг, бынӕй йыл ӕй бафидар кодта, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕумӕ куыд ӕххӕссыдаид, афтӕ.
Бындуры уӕлӕ бинаг къӕпхӕнӕн йӕ бӕрзӕнд у дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ тигъы уӕрх та — иу ӕлмӕрин. Бинаг чысыл къӕпхӕны уӕлӕ стыр къӕпхӕнӕн йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины, йӕ тигъы уӕрх та — иу ӕлмӕрин.